Марат Габанов и Светлана Туаева "Зæрдæты Бæрæгбон"(муз.Светланы Туаевой сл.Музафера Дзасохова)
"Зæрдæты Бæрæгбон" Циндзинад абон æрцыди нæ бæстæмæ Терчы был сарæзтам хъазт Дуне æрыхъуыста фæндырдзагъд,зарынмæ Зæрдæты райгуырди уарзт. Хæхты бæрзæндыл ма бафтыди ноджыдæр Цъититæ калынц цæхæр Кафын æрфæндыди 'взонгау зæронды дæр Афтæ,куыд кафыд кæддæр. Базард: Ой-Ой иумæ фæкафæм,иумæ фæзарæм цæй Ой-Ой фарны зæлтимæ фæндыр æрцæгъд хъæрæй. 2куплет: Хуры æнгæс у фæндырдзæгъдæг бакастæй Чи йæм æрхæсдзæни фау? Алырдыгæй йæм ныккастысты дзаг цæстæй Кафæг,ды та хæрдмæ хау. Райсом цы уыдзæни уымæн нæй базонæн Амондæй райсæм нæ хай Байгом кæн зæрдæйы дуар дæ уарзонæн Иры рæсугъддæр чызгай. Базард: Ой-Ой иумæ фæкафæм,иумæ фæзарæм цæй Ой-Ой фарны зæлтимæ фæндыр æрцæгъд хъæрæй. 3 къуплет: Кувæм Хуыцаумæ,йæ Зæдтæм, 'мæ Дауджытæм Табу сæ намысæн уæд! Уадз æмæ хъуысой Ирыстонæй зарджытæ Фесæфа сагъæсау мæт. Мысдзыстæм райгондæй,ацы бон иууылдæр Никуы нæ уыдзæни рох Кафы йæ сонт зæрдæ,алкæйы риуы дæр Хъуысы уæларвмæ "æрц тох" Базард: Ой-Ой иумæ фæкафæм,иумæ фæзарæм цæй Ой-Ой фарны зæлтимæ фæндыр æрцæгъд хъæрæй. Дзасохты Музафер
Название:
Марат Габанов и Светлана Туаева "Зæрдæты Бæрæгбон"(муз.Светланы Туаевой сл.Музафера Дзасохова)
Категория:
Разное