Национ банчы регионалон хайады ацыд ведомствæты 'хсæн кусæг къорды æмбырд киберфыдракæндты ныхмæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

3 дня назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

3 дня назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 просмотров

3 дня назад

Национ банчы регионалон хайады ацыд ведомствæты 'хсæн кусæг къорды æмбырд киберфыдракæндты ныхмæ. Архайдтой дзы барадхъахъхъӕнджытӕ, банкты, уӕлдӕр ахуыргæнæндæтты ӕмӕ дзуапдæттæг кусæндæтты минӕвӕрттӕ. Специалисттӕ фӕнысан кодтой — цӕстфӕлдахджытӕ æппынæдзух хуыздӕр кӕнынц схемӕтӕ —арæхдæр пайда кӕнынц персоналон ныббырстытӕй, дипфейкӕтӕй, мӕнг аккаунттӕй ӕмӕ фишингты сайттӕй. Сæ амæттаг свæййынц æрмæст ацӕргӕ адӕм нӕ, фӕлӕ æрыгæттæ дæр. Уӕлдай æргом аздӕхтой дропперты ныхмӕ тохмӕ. Мидхъуыддæгты министрады бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, афӕдзы райдайӕнӕй цæстфæлдахджыты митæй хъыгдард чи баййæфта, уыцы фæсивæды нымæц фæфылдæр 30%. Алы цыппæрæм дропер дӕр — ӕнахъом. Уӕрӕсейы Банчы бӕрӕггӕнӕнты базӕ фадат дӕтты фыдгӕнджыты схемӕтӕ ӕвӕстиатӕй ӕхгӕнынӕн. 2026-ӕм азы фыццаг ӕмбисы банктӕ баурæтой 34 млн архайдæй фылдӕр ӕмӕ клиенттӕн бахъахъхъӕдтой 3 трлн сомӕй фылдӕр. Уыимӕ ӕмбырды архайджытӕ фӕнысан кодтой, фарста у ахсджиаг: клиенттæй уыцы рӕстӕгмӕ фæхъуыд 14 млрд сомӕй фылдӕр.

Название:

Национ банчы регионалон хайады ацыд ведомствæты 'хсæн кусæг къорды æмбырд киберфыдракæндты ныхмæ

Категория:

Новости и СМИ