РЦИ-Аланийы хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй уыд хицауады æмбырд
Цæгат Ирыстоны 2027-æй -2030-æм азмæ бындуронæй сцалцæг кæндзысты цæрджытæн социалон лæггæдты 46 кусæндоны. Объектты хыгъд сфидар кодтой хицауады æмбырды, амыдта йæ Дзанайты Барис. Ныхас цыд ныртæккæ цалцæг цы кусæндæтты цæуы, уыдоныл дæр. Куыстытæ кæнынц паддзахадон программæ "Цæгат Ирыстоны социалон райрæзт"-ы фæрцы. Дзырдтой республикæйы агропромышленнон комплексы рæзтыл дæр. Ацы аз къабазæн радих кодтой 1 миллиард сомæй фылдæр. Субсидитæй спайда кæнæн ис дыргъдæтты, халсарты, мыггæгты æмæ хъæууон хæдзарады æндæр здæхтыты рæзтæн. Ацы аз парахат у бæлæстæ æмæ гагадыргътæ садзынæн паддзахадон æххуыс. Фæфылдæр ма уыдзысты картофы æмæ халсарты куыст чи кæны, уыдоны гæнæнтæ. Хицауады уæнгтæ ма снысан кодтой уагæвæрдтæ капитал хъахъхъæныны фæдыл.
Название:
РЦИ-Аланийы хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй уыд хицауады æмбырд
Категория:
Новости и СМИ