Республикæйы афæдзы дæргъы æркæсдзысты паддзахадон геодезион хызæгты 200 пунктмæ
Паддзахадон геодезион хызæгты 200 пункты бæрц афæдзы дæргъы сбæрæг кæндзысты Цæгат Ирыстоны. Алы ахæм объектæн дæр раиртæстой йæ бынат координатты иумæйаг системæйы геодезион, картографион æмæ кадастрон куыстытæн. 1 метрмæ ввахс алы пуктмæ дæр ис нысангонд хъахъхъæд фæзуат. Ис дзы сæрмагонд нысантæ дæр, фæлæ сæ фæстаг рæстæг чидӕр асæтты, ныппырх сын кæнынц сæ цæджындзтæ. Паддзахадон регистрацийы федералон службæйы республикон управленийы куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм адæм цæудзысты иваргонд. Мы рядом в: ok.ru/irystontv youtube.com/irystontv zen.yandex.ru/irystontv
Название:
Республикæйы афæдзы дæргъы æркæсдзысты паддзахадон геодезион хызæгты 200 пунктмæ
Категория:
Разное