"Дерево жизни - память поколений", зæгъгæ, акци ацыд Æрыдоны 3-æм скъолайы
"Дерево жизни - память поколений", зæгъгæ, акци ацыд Æрыдоны 3-æм скъолайы. Мадзалы архайдта Цæцæны республикæйы делегаци: парламенты, æхсӕнадон палатӕйы, ӕппӕтуӕрӕсеон ӕхсӕнадон иугӕндты ассоциаци "Интеллектуалон Уӕрӕсе", Адӕмон фронты минӕвӕрттӕ. Балцы нысан —Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты архайӕг Хосроты Хасӕхъойы ном ссарын. Уый фӕмард 1943-æм азы 18-æм апрелы Грозна знагӕй куы уӕгъд кодтой, уӕд. Ӕрыдойнаг Хосроты Хасæхъо Грознайы бынмӕ ӕфсымӕрон ингӕны ныгӕд кӕй ӕрцыд, уый цалдӕр азы размӕ базыдтой цӕцӕйнаг бархионты акци "Я вернулся, мама…"-йы фæрцы. Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджыты мысынӕн скъолайы ахуырдзаутӕ, Ӕрыдоны районы администрацийы минӕвӕрттимӕ, ветеранты Совет, хистӕрты совет ӕмӕ кадджын уазджытимӕ бындур сæвæрдтой номарӕн Аллеяйæн ӕмӕ ныссагътой кавказаг тулдзы 15 талайы. Уыимæ ма сывӕллӕттӕ бацӕттӕ кодтой цыбыр концерт, архайдтой дзы сфӕлдыстадон къордтæ.
Название:
"Дерево жизни - память поколений", зæгъгæ, акци ацыд Æрыдоны 3-æм скъолайы
Категория:
Новости и СМИ