Алагиры кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны ӕмбырдгӕнӕн резервуарты цалцӕг
Алагиры районы доны фарста иуварсгонд ӕрцыд. Водоканалы специалисттӕ кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕнынц, 4 мин кубометры кӕм цӕуы, ахӕм стыр резервуары цалцӕг. Раздӕр доны куыстуаты бæрны нӕ уыд. Уымӕ гӕсгӕ хӕтӕлтӕ сызгӕ сты, сӕ хӕйттӕ баихсыдысты, бӕстыхайы цар кӕлын байдыдта. Кусджытӕ ныридӕгӕн сцалцӕг кодтой донуадзӕн сӕйраг фӕрӕзтӕ, уӕлхӕдзар бамбӕрзтой ног фидар ӕрмӕгӕй ӕмӕ баивтой зӕронд хӕйттӕ иууылдӕр. Ныртӕккӕ фӕуд кӕнынц гидроизоляци дӕр. Тагъд резервуартӕ ӕнӕрлӕугӕйӕ дон хӕццӕ кӕндзысты Алагир, Рамоново ӕмӕ Цраумӕ. Фӕндты ма — сыгъдӕггӕнӕн станцӕ сӕвӕрын, цӕмӕй доны хӕрзхъӕддзинад фӕбӕрзонддӕр уа, уый тыххӕй. Уымӕй уӕлдай, районы зӕронд хӕтӕлтӕ ивынц ӕмӕ хъӕутӕ иу кӕнынц донуадзӕны ног сӕйраг хызтӕм.
Название:
Алагиры кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны ӕмбырдгӕнӕн резервуарты цалцӕг
Категория:
Новости и СМИ