Дзӕуджыхъӕуы 10 уынгӕй фылдӕр ӕнӕ рухсӕй баззадысты
Дзӕуджыхъӕуы 10 уынгӕй фылдӕр ӕнӕ рухсӕй баззадысты. Цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады министрады куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй "Россети"-йы специалисттӕ ныридӕгӕн сты бынаты. Бӕрӕг кӕнынц аварийы аххосаг. Раздӕр доны куыстуат фехъусын кодта ахсджиаг информаци. Электрон тых кӕй ахуыссыд, уый тыххӕй ӕрлӕууыд горӕты цалдӕр агдоны куыст. Бӕрнон министрады кусын райдыдта оперативон штаб. Йе сконды, Ӕнӕнхъӕлӕджы цауты министрады кусджытӕй уæлдай, ис районты администрациты ӕмӕ дзуапдӕттӕг компаниты минӕвӕрттӕ.
Название:
Дзӕуджыхъӕуы 10 уынгӕй фылдӕр ӕнӕ рухсӕй баззадысты
Категория:
Новости и СМИ