Дзанайты Барисы разамындæй уыд инвалидты хъуыддæгты фæдыл æмбырд
Дзанайты Барисы разамындæй уыд инвалидты хъуыддæгты фæдыл æмбырд. Ныхас дзы цыд спорты уылты реабилитацийы, куыст ссарыны, инклюзивон ахуырады æмæ льготæтимæ хостæй ифтонгады фарстатыл. Хъыгдард æнæниздзинадимæ адæм разæнгардæй архайынц спорты, уыимæ паралимпагы. Спортивон скъола «Стимул» рæзын кæны алыхуызон паралимпаг дисциплинæтæ.Уæлдай æргом здæхт цæуы сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты спортивон реабилитацимæ. Дзанайты Барис бахæс кодта спортивон скъолаты материалон-техникон бындуртæ фæфидар кæнын æмæ кадртæ бацæттæ кæнын. 2026-æм азы райдианæй куыст ссардтой хъыгдард æнæниздзинадимæ 118 адæймагæн. Финансон æххуыс сын ис амалхъомады архайынæн дæр. Фæуæрæхдæр кæнын хъæуы куыстдæтджыты æмæ инвалидты 'хсæн æмбарынгæнæн ныхас æххуысы фæрæзты фæдыл. Ахуырады гæнæнтæ аххæсыдысты цудыд æнæниздзинадимæ 2 мин 335 сывæллоныл, парахат кæны инклюзивон ахуырад, кусынц ресурсон кълæстæ æмæ дистацион ахуырады центр. Парахат кæнынц 160 адаптивон ахуырадон программæйы. Льготæты хуызы хостæй ифтонгад æххæст кæнынц паддзахадон гарантиты территориалон программæйы фæлгæты. Дзанайты Барис фæнысан кодта, инвалидтæн хъæуы компелксон æххуыс кæнын царды æппæт къабæзты, радта бæлвырд хæстæ.
Название:
Дзанайты Барисы разамындæй уыд инвалидты хъуыддæгты фæдыл æмбырд
Категория:
Новости и СМИ