Цӕгат Ирыстоны хицауады сӕрдар дзанайты Барис фембӕлд республикӕйы цӕрджытимӕ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

12 дней назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

12 дней назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

12 дней назад

Фӕндӕгты цалцӕг, хъӕуты хӕрзвадат ӕмӕ медицинон ӕххуыс — ахӕм фарстатӕ цӕрджытӕ систой премьер Дзанайты Барисмӕ фембӕлды. Сарӕзтой йӕ Уӕрӕсейы Президенты фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ Дзӕуджыхъӕуы йӕ регионалон исӕн уаты. Ӕдӕппӕтӕй ӕххуысмӕ баздӕхтысты 8 адӕймаджы. Алы фарстайы фӕдыл дӕр бӕрнон министртӕ ӕмӕ районты сӕргълӕуджытӕ радтой бӕлвырд дзуæппытӕ. Цалдӕр цӕрӕджы курдиӕттӕ баст уыдысты санаторон-курортон дзӕбӕхкӕнынадимӕ. Се ’хсӕн — фӕллойы ветеран Хъодзаты Фузӕ. Ацы фарста аиуварс кӕнынӕй зӕрдӕ бавӕрдтой декабры мӕйы — санатори пенсиисӕг равзардзӕн йӕхӕдӕг. Ӕнӕ хъусдардӕй нӕ баззадысты медицинон ӕххуысы фӕдыл, уыимæ сывӕллонджын бинонты курдиӕттӕ дӕр. Онкологон рынчынтӕн Ӕнӕниздзинадхъахъхъӕнынады министрад ныридӕгӕн балхӕдта хъӕугӕ препараттæ. Бирӕсывӕллонджын мадӕн та рахицӕн кодтой путёвкӕтӕ программӕ «Мад ӕмӕ хъӕбул»-мӕ гӕсгӕ. Уымӕй уӕлдай, Кӕрдзыны цӕрӕджы курдиатмӕ гӕсгӕ Хъӕууон хӕдзарады министрадмӕ ныридӕгӕн арвыстой курдиат хъазӕн фӕзы арӕзтады фӕдыл. Объект саразынмӕ хъавынц иннӕ аз. Фембӕлды ахсджиаг темӕты ’хсӕн — фӕндаггон инфраструктурӕ: Беслӕны цӕрджытӕн зӕрдӕ бавӕрдтой Бесланская уынгмӕ базилынӕй, куыстытӕ ӕххӕстгӕнӕджы ныридӕгӕн равзӕрстой, цалцӕг та фӕуыдзӕн иннӕ азы мартъийы кӕронмӕ.

Название:

Цӕгат Ирыстоны хицауады сӕрдар дзанайты Барис фембӕлд республикӕйы цӕрджытимӕ

Категория:

Новости и СМИ