Ханайты Анастасия 30 азмӕ хӕстӕг кусы райдиан кълӕсты ахуыргӕнӕгӕй
Афтӕ, хъазӕн хуызы ахуыртæ цæуынц 1-æм "А" къласы. Сабитæн, зонындзинæдтæм фӕндаг нырма ныр чи райдыдта, уыдонӕн афтӕ ӕнцондӕр у ӕрмӕг бамбарын ӕмӕ бахъуыды кӕнын. Ханайты Анастасияйæн ахæм кусгæ бонтæ хуымæтæг сты. Уый ныр бирæ азты æххуыс кæны, фыццаг хатт скъоламæ чи æрбацыд, уыцы сывӕллӕттӕн уроктæ бауарзынӕн. Анастасия дӕсныйады ис 30 азмæ хæстæг. Скъоладзауæй фæстæмæ бӕллыд ахуыргӕнӕг суӕвынмӕ ӕмӕ йӕ нысан сæххæст кодта. Йæ ныхæстæм гæсгæ, рæстæг куыд цæуы, афтæмæй хъуыддагмæ æнувыдддзинад рæзы. Уроктӕм Ханайты Анастасия бацӕуы бындуронӕй. Ӕмбары, цӕмӕй скъоладзауты сразæнгард кæна, уый тыххӕй иу ахуыргӕнӕн чиныг фаг нӕу. Урокты ахсджиаг сты интерактивон хъӕзтытӕ, комкоммæ ныхас, дзуаппытӕ дӕхӕдӕг кӕм агурай, ахӕм хæслæвæрдтæ. Афтӕ ӕрмӕг ӕнцондӕр ӕмбарӕн вӕййы, хуымӕтӕг урокæй та рауайы хъазт, кæм ис хи бафӕлварӕн, рӕдийӕн ӕмӕ ногдзинӕдтӕ базонӕн. Ханайты Анастасия у бӕрзонд квалификациимæ ахуыргӕнӕг. Йӕ курдиат ын бӕрӕг кӕнынц æрмæст ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ, фӕлӕ ахуыргӕнджытӕ дӕр. Йе 'мкусджытӕ йын уӕлдай аргъ кӕнынц йӕ дæсныдзинадæн ӕмӕ йӕ куыстмæ уарзондзинадæн. 26 азӕй фылдӕрмæ Ханайты Анастасия рауагъта ахуыргæнинæгты бирæ фæлтæрты. Райдайӕн кълӕсты ахуыргӕнӕг сывӕллӕттыл сӕмбӕлы се скъолайы фӕндаджы тӕккӕ райдианы. Уыцы рӕстӕг ахсджиаг у æрмæст зонындзинӕдтӕ раттын нӕ, фӕлӕ ма сывӕллонӕн баххуыс кӕнын йӕ хъарутыл баууӕндынӕн, рӕдыдтытӕй нӕ тӕрсынӕн ӕмӕ ахуыры фыццаг къахдзӕфтӕ цымыдисӕй кӕнынӕн. Алина Гостева, Тебиаты Сæрмæт
Название:
Ханайты Анастасия 30 азмӕ хӕстӕг кусы райдиан кълӕсты ахуыргӕнӕгӕй
Категория:
Новости и СМИ