Сергей Меняйлойæн кусӕг фембӕлд Александр Ивановимӕ
Сергей Меняйлойæн кусӕг фембӕлд уыд Хъӕрӕсе-Черкессийы Парламенты сӕрдар Александр Ивановимӕ. Фыццаджыдæр æрныхас кодтой регионты 'хсæн æмархайдыл, алы къабæзты фӕлтӕрддзинадæй хай кæныныл, уыимæ дыууæ цæгаткавказаг субъекты культурон ӕмӕ историон бастдзинӕдтӕ фидар кӕныныл. Сӕргълӕууӕг куыд фæнысан кодта, афтӕмӕй регионтӕ бирӕ азты ӕнтыстджынӕй ӕмгуыст кӕнынц алыхуызон здӕхтыты, ӕмӕ уыцы архайд дарддӕр дæр кӕнын хъӕуы. Делегаци Дзӕуджыхъӕумæ ссыд «Дорогами единства и дружбы», зæгъгæ, фестивалы архайынмæ. Сарæзтой йæ Цӕгат Ирыстоны Парламент ӕмӕ Хъæрæсе-Черкессийы адæмон æмбырд.
Название:
Сергей Меняйлойæн кусӕг фембӕлд Александр Ивановимӕ
Категория:
Новости и СМИ