Сергей Меняйло фембæлд сӕрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинонтимæ
Сергей Меняйло фембæлд сӕрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинонтимæ. Ныхас кодтой хæстонты хиуæтты царды хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæныны мадзæлттыл. Регионы разамонӕг бафиппайдта: паддзахад ӕмӕ ӕхсӕнад ӕппӕт фадӕттӕ дӕр сараздзысты, цӕмӕй хъахъхъӕнджыты бинонтӕй иу дӕр рохуаты ма баззайа. Сӕргълӕууӕг æппынæдзух фембӕлы хӕстонты хиуæттимæ, уымæн æмæ комкоммæ ныхасы руаджы тагъддæр иуварсгонд цæуынц фарстатæ. Фембæлды ма архайдтой республикӕйы сӕргълӕууӕджы ӕмӕ хицауады администрацийы разамонæджы фыццаг хӕдивӕг Биасты Игорь ӕмӕ æбæрæгæй сæфт æфсæддонты агурӕг центры разамонæг Арзу Мамедова.
Название:
Сергей Меняйло фембæлд сӕрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинонтимæ
Категория:
Новости и СМИ