Цӕгат Ирыстоны армрестлертӕ рамбылдтой 35 майдан ыдунеон ерысты Индийы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

8 дней назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

8 дней назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

8 дней назад

Чысылӕй фӕстӕмӕ цӕрӕгойты дзӕбӕх кӕнынмӕ чи бӕллы, уыцы чызг цалдæр секундмæ фӕуӕлахиз зӕххы къорийы тыхджындӕр армрестлертӕй иуыл. Фидӕны ветеринар, Аграрон университеты 18-аздзыд студенткӕ Черчесты Динарӕ индиаг Делийӕ ӕрбаласта 4 майданы. Фыццаг рамбылдта 2 сыгъзӕрины дунейы ерысты юниорты 'хсӕн, стӕй йӕ ныфс бахаста хистӕртимӕ ныхмӕлӕудтытӕм. Кӕронбӕттӕны, галиу къухӕй хӕцгӕйӕ, фембӕлд ацы спорты хуызы ӕцӕг легендӕимӕ. Армрестлингы 18-аздзыдӕй стӕм хатт бафты фӕлтӕрд спортсменыл ӕвиппайды фӕуӕлахиз уӕвын. Ам ахсджиаг сты канд тагъд старт ӕмӕ раст ӕрцахст нӕ, фӕлӕ ма тыхджын уӕнгбӕттӕнтӕ. Динарӕ фӕцарӕхст: йӕ галиу къухыл сыгъзӕрин майданмӕ бафтыдта ӕвзист рахизыл ӕмӕ сӕххӕст кодта ӕппӕтадӕмон къласы спорты мастеры норматив. Гӕдзаонты Владимир дӕр — нӕ командӕйы спортсмен. Индийы сӕххӕст кодта ӕппӕтадӕмон къласы спорты мастеры норматив. Фыццаг йӕ дыууӕ къухыл дӕр фӕуӕлахиз юниорты 'хсӕн дунейы ерысты, стӕй фыццаг хатт ӕрлӕууыд хистӕрты 'мрæнхъ. Ацы категоримӕ рахизын ӕнцон нӕу: ам бынтон ӕндӕр у къухы тых. Фӕлӕ Владимир сарӕхст ӕмӕ рамбылдта дунейы чемпионаты бронзӕ майдан. Ӕдӕппӕтӕй Индийы ӕппӕтадӕмон къласы спорты мастерты нормативтӕ сӕххӕст кодтой 16 азӕй 19 азы онг кары 4 спортсмены Цӕгат Ирыстонӕй: Черчесты Динарӕ, Гӕдзаонты Владимир, чемпионаты бронзӕ призер Гӕдзауты Марат ӕмӕ Персаты Каролинӕ. 17-аздзыд чызг рамбылдта сыгъзӕрин хистӕрты 'хсӕн йӕ рахиз къухыл. Индимӕ Цӕгат Ирыстонӕй ацыдысты 38 адӕймаджы: 35 спортсмены ӕмӕ 3 тренеры. Ӕрбаластой 35 майданы — 20 сыгъзӕрин, 8 ӕвзист ӕмӕ 7 бронзӕйы. Иттӕг хорз бацархайдтой, 3 сыгъзӕрин майданы чи рамбылдта, уыцы пара-армрестлертӕ дӕр. Чемпионты 'хсӕн — сӕрмагонд æфсæддон операцийы ветеран Цыхуырбаты Зауырбег. Уый фыццаг хатт ацыд ахӕм стыр турнирмӕ ӕмӕ уайтагъд сси дунейы ӕппӕты хуыздӕр 85 килограммы онг уӕзы категорийы. Делимӕ балцы фӕстӕ улӕфты рӕстӕг нӕй. Цалдӕр боны фӕстӕ Дзӕуджыхъӕуы райдайдзысты республикон ерыстӕ. Стъолы уӕлхъус та ногӕй тох кӕндзысты. Ныр та иугонд командӕйы бынат бацахсыныл — ног дунеон турнирты архайынӕн.

Название:

Цӕгат Ирыстоны армрестлертӕ рамбылдтой 35 майдан ыдунеон ерысты Индийы

Категория:

Новости и СМИ