Ихын аренӕ "Тагбан"-ы ацыд чемпионат къахдзоныгътыл аив бырынӕй
Ацы аив спорты хуызмæ Стефания Сансиева бахауд ӕртӕ азы размӕ. 2022 азы Пекины зымӕгон олимпиадӕйӕ сразӕнгард уӕвгӕйӕ, чызг фыццаг хатт сфӕнд кодта ихыл слӕууын бафӕлварын. Кӕд ӕрӕджы райдыдта, уӕддӕр Стефанияйӕн ныридӕгӕн бантыст фыццаг спортивон ӕнтыстытӕ райсын ӕмӕ ерысты хи равдисын. Абон йӕ арӕхстдзинад ӕвзонг фигуристкӕ раргом кодта ихын аренӕ "Тагбан"-ы. Ныр цыппӕрӕм аз ихын аренӕ "Тагбан" скæны турнир-фестиваль къахдзоныгътыл аив бырынæй. Ацы аз ихмӕ рацыдысты алы регионты минӕвӕрттӕ — Астраханӕй Ростовмӕ. Цӕгат Ирыстонæй спортсменкæтæ уыдысты 60 фылдæр. Ихмӕ спортсменкæтæ рацӕуынц алыхуызон цæттæдзинадимæ. Чемпионаты архайынц куыд спортивон разрядтӕ ӕмӕ стыр ерысты фӕлтӕрддзинадимӕ фигуристкӕтӕ, афтӕ, йӕ спортивон фӕндаг нырма ныр чи райдыдта, уыцы фæсивæд дӕр. Рог ӕмӕ рӕстдзӕвин змӕлды фӕстӕ — бæстон тренировкӕтӕ, техникӕйыл æппынæдзухы куыст ӕмӕ алы элемент дӕр хуыздӕр кӕнын. Ерыстæм фӕндагыл спортсменкӕты фарсмӕ вæййынц тренертӕ. Уыдон ӕххуыс кӕнынц дӕсныйад фӕхуыздӕр кӕнынӕн, сӕ хъус дарынц цӕттӕдзинадмӕ ӕмӕ ерысты рӕстӕг архайджыты фарс хӕцынц. Мадзаларазджытæ куыд нысан кӕнынц, афтӕмӕй къахдзоныгътыл аив бырынмæ цымыдисдзинад дарддæр рæзы. Ахӕм ерыстӕ фадат дӕттынц спортсменкӕтӕн алыхуызон цӕттӕдзинады сӕ арӕхстдзинад равдисынӕн, ерысты фӕлтӕрддзинад райсынӕн ӕмӕ хи райрæзтæн аргъ скӕнынӕн.
Название:
Ихын аренӕ "Тагбан"-ы ацыд чемпионат къахдзоныгътыл аив бырынӕй
Категория:
Новости и СМИ