Культурæйы къабазы райрæзты фарстатæ æмæ регионы архайд профилон программæты æвзæрст цыдысты æмбырыд
Цæгат Ирыстоны культурæйы къабазы райрæзты фарстатæ æмæ регионы архайд профилон программæты æвзæрст цыдысты Уæрæсейы культурæйы министры фыццаг хæдивæг Сергей Обрывалины сæрмагонд æмбырыды Мæскуыйы. Ныхасы архайдта Дзанайты Барис. Видеобастдзинады руаджы дзы архайдтой республикæйы æххæстгæнæг хицауады оргæнты минæвæрттæ. Премьер-министр фæнысан кодта, 2026-æм азы культурæйы мадзæлттæн нысангонд æрцыд 520 милуан сомæй фылдæр. Фæрæзтæ фылдæр æрвыст æрцæудзысты уæлæмхасæн ахуырады егъау объектты арæзтадæн - Мæздæджы æмæ Беслæны сывæллæтты нывкæнынады скъолатæн, уыимæ Октябрьскæйы культурæйы хæдзары, стæй Æрыдоны æмæ Мæздæджы библиотекæты бындурон цалцæгæн. Уыимæ ма фæрæзтæ радих кодтой моделон чиныгдæттæ æмæ креативон индустриты скъолаты арæзтадæн. Уыдон байгом сты Тауаситы Сослæнбеджы номыл нывкæнынады скъолайы бындурыл. Фæрæзтæ ма арвыстой музейтæ æмæ сывæллæтты аивæдты скъолаты сæрмагонд кусæнгæрзтæн, проект "Земский работник культуры" сæххæст кæнынæн. Ныхас ма цыд регионы архайдыл бæстæйы профилон министрады программæты. Æрныхас кодтой Æппæтадæмон музейон-патриотон центр "Беслан. Школа №1". Федералон фæрæзты руаджы кæронмæ æрхæццæ экспозици саразыны дыккаг къæпхæн. Дзанайты Барис фæнысан кодта, президенты фæдзæхстытæ æххæст кæныныл куыст кæй цæуы. Сергей Обрывалин æмæ Дзанайты Барис æргом аздæхтой Уæрæсейы культурæйы министрады æмæ Цæгат Ирыстоны хицауады æмгуыстадмæ, цæмæй Беслæны музей бакæной Уæрæсейы нырыккон историйы паддзахадон музейы бæрны.
Название:
Культурæйы къабазы райрæзты фарстатæ æмæ регионы архайд профилон программæты æвзæрст цыдысты æмбырыд
Категория:
Новости и СМИ