Цæгат Ирыстоны культурæйы кусæндæтты ног кæнынц музыкалон инструменттæ
Гæлæуты Аидæйæн сфæлдыстад сси æрвылбоны царды æнæмæнг хай. Црауы культурæйы хæдзары чызг фыццаг аз нæ архайы, йæхи фæлвары алыхуызон здæхтыты. Ныр ахуыр кæнынæн фылдæр гæнæнтæ фæзынд: кусæндон райста ног ифтонгарз, уыимæ музыкалон инструменттæ дæр. 50 азæй фылдæр Црауы культурæйы хæдзар æнгом кæны курдиатджын фæсивæды. Бирæ æнахъомтæн кусæндон балæвар кодта фадат музыкæимæ базонгæ уæвынæн æмæ инструментыл цæгъдын сахуыр кæнынæн, кæд сæ сæхи бон балхæнын нæ уыд, уæддæр. Ног ифтонгарз фæзынд Алагиры районы фылдæр кусæндæтты. Се 'хсæн - Дæллаг Бирæгъзæнг, Майрæмадаг, Хæтæлдон æмæ ма Фыййагдон, Бурон, Мызур æмæ Алагиры культурæйы хæдзæрттæ. Материалон-техникон бындур фæфидардæр кæнынæн ацы аз радих кодтой 900 мин сомы бæрц. Алагиры культурæйы хæдзары сфæлдыстадон къордты архайджытæн æмæ разамонджытæн ахсджиаг у национ традицитæ бахъахъхъæнын. Уæлдай бынат сæ равдыстыты ахсы ирон адæмон инструмент, дала фæндыры зæлтæ. Материалон-техникон бындур фидар кæныны программæйы фæлгæты кусæндæттæн радтой адæмон музыкалон инструментты 10 иуæджы. Ног ифтонгарз, музыкалон инструменттæ æмæ материалон-техникон бындур Алагиры районы культурон кусæндæтты фæзындысты "Культурæйы парахат"-ы программæйы фæрцы. Уæлдай бынат проекты ахсы библиотекæты фонд фылдæр кæнын. 2026-æм азы уыцы нысантæн радих кодтой 160 мин сомы æмæ балхæдтой 239 чиныджы.
Название:
Цæгат Ирыстоны культурæйы кусæндæтты ног кæнынц музыкалон инструменттæ
Категория:
Новости и СМИ