Хæтæлдоны цæрæг Багаты Настя сбæрæг кодта 100 азы бон
Йæ сæдæ азы юбилейыл Багаты Настя сæмбæлд йæ уарзон адæмы 'хсæн. Уæнгрог æмæ цардуарзæг, æхцондзинад исы йæ кæстæрты хорздзинæдтæм кæсгæйæ. Куырыхон хистæрæн арфæ ракæнынмæ æрбацыдысты хæстæджытæ, кад ын скодтой бæрнон адæймæгтæ дæр. Багаты Настя райгуырд æмæ схъомыл Хуссар Ирыстоны. Сабийæ фæстæмæ тырныдта зонындзинæдтæм - скъола иттæг хорз каст фæцис, уый фæстæ бацыд педагогон институтмæ. Бирæ азты бакуыста ахуыргæнæгæй, уыцы иу рæстæг лæвæрдта цалдæр предметы - ирон, уырыссаг, гуырдзиаг æмæ немыцаг æвзæгтæ. Ныртæккæ дæр ма сылгоймаг фыссы æмдзæвгæтæ. 24 аздзыдæй Настя æрбакъахдзæф кодта Козаты хæдзармæ. Йæ цардæмбал Барисимæ иумæ схъомыл кодтой 5 сывæллоны, уыдоны цот та сты авдæй. Настя царды зындзинæдтæ бавзæрста, фæлæ алкæддæр уыд зæрдæрухс. Ныр йæ азтæм фæстæмæ акæсгæйæ йæхи хоны амондджын адæймаг. Йæ кары сусæгдзинадыл та сылгоймаг нымайы адæммæ уарзондзинад. Багаты Настяйы юбилей у æцæг бæрæгбон æгас Хæтæлдонæн дæр. Йæ 'мхъæуккæгтæ ацы бонмæ æнхъæлмæ кастысты æхсызгонæй. Абон иууылдæр æрымбырд сты бæрæгбоны фынгтыл, цæмæй сæ уарзон хистæрæн арфæ ракæной. Сæдæ азы юбилей Багаты Настя бæрæг кæны хорз æнкъарæнтимæ, зæрдæрухсæй. Ацы бонты йын иууылдæр кæнынц арфæтæ. Йæ гуырæнбоны фæдыл ын фыстæг æрбарвыста Уæрæсейы Президент Владимир Путин. Йæ зæрдæ йын загъта фидар æнæниздзинад æмæ фарн.
Название:
Хæтæлдоны цæрæг Багаты Настя сбæрæг кодта 100 азы бон
Категория:
Новости и СМИ