Цæгат Ирыстоны адæмоны артисткæ Икъаты Бертæйы райгуырдыл сæххæст 100 азы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

17 просмотров

5 дней назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

17 просмотров

5 дней назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

17 просмотров

5 дней назад

Зындгонд спектаклæй скъуыддзаг зонгæ æмæ уарзон у Ирыстоны театрдзаутæн се 'ппæтæн дæр. Икъаты Бертæ сценæйы сарæзта ирд æмæ бæстон сурæт. "Усгур Гаци" та сси ирон адæмы цардæй æнæфæхицæнгæнгæ хай. Гацийы нанайы ныхæстæй абон дæр адæм арæх спайда кæнынц. Бæрзонд æмæ хæрзконд, уæздан æмæ аив, рæсугъд уд æмæ ирон сылгоймаджы миниуджытæй хайджын. Икъаты Бертæйæн йæ алы сурæт дæр йæ зæрдæйæ цыдис, уымæн иу ссардта фæндаг театрдзаутæм. "Иунæджы кадæг", "Цола", "Æфхæрдты Хæсанæ", "Дом Бернарды Альбы" æмæ бирæ æндæр спектакльтæ, уæдæ цымыдисаг сурæттæ сарæзта кинойы дæр. Республикæйы адæмон артисткæ Цырыхаты Розæйæн Бертæйы тыххæй мысинæгтæ сты тынг зынаргъ. Йæ фыццаг къахдзæфтæ сценæйы акодта Бертæйы æххуысæй, уыдис ын ахуыргæнæг, стæй хистæр хæлар. Уæвгæ, ахæм цæстуарзонæй Икъаты Бертæ узæлыд театры æвзонг фæсивæдыл се 'ппæтыл дæр. Ирон театрмæ Бертæ йæхæдæг дæр æрбацыд хæрзæрыгонæй - 16-аздзыдæй - хæсты уæззау азты. Театры труппæимæ цыдысты госпитальтæм, балæууыдысты иу цæф салдæтты фарсмæ, се 'сфæлдыстадæй сын иу сæ зæрдæтæ барухс кодтой. Уæлахизы фæстæ та ралæууыд ирд æмæ хъæздыг сфæлдыстадон рæстæг. Ирон театрæн Бертæ балæвар кодта йæ царды 50 азы. Ам сæмбæлд йæ цардæмбалыл дæр - Ирыстоны зынгонд æмæ уарзондæр артисттæй иу - Баллаты Валодяйыл. Сæ бинонтæ систы æцæг уарзондзинады дæнцæг. Царды дæр æмæ сценæйы дæр. Фæлæ йæ сæйраг роль Икъаты Бертæйæн уыд йæ стыр æмæ уарзон бинонты 'хсæн. Йæ сывæллæтæн æмæ уыдоны цотæн йæ уды хъарм лæвар кодта æнæвгъауæй. Уыдис сын ныфсы дæнцæг. Икъаты Бертæйæн йæ фæндаг рауад ирд æмæ уæрæх. Йæ цардæй ахицæн 2020-æм азы. Фæлæ йæ фæстæ ныууагъта рæсугъд фæд, йæ бинонтæм æмæ йæ Ирон театрмæ æгæрон уарзондзинад.

Название:

Цæгат Ирыстоны адæмоны артисткæ Икъаты Бертæйы райгуырдыл сæххæст 100 азы

Категория:

Новости и СМИ