80 азы размӕ Комсомольскӕйы хъӕуы чи райгуырд, уыцы зарӕг дунейы алы къуымты айзӕлыд

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

5 дней назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

5 дней назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

5 дней назад

Ирыстоны ацы ныхӕстӕ алкӕмӕн дӕр зонгӕ сты. Куыддӕр фыццаг аккордтӕ райхъуысынц, афтӕ зарӕг зарын райдайынц бӕрӕгбоны фынджы уӕлхъус ӕмӕ стыр концертон залы дӕр. Бирӕ азты йӕ нымадтой адӕмоныл, афтӕмӕй та йын ис бӕлвырд автортӕ. Йӕ гуырӕн — 1946 азы Комсомольскӕйы хъӕуы. Зарӕг фыццаг хатт стыр сценӕйыл акодта ансамбль «Алан»-ы солисткӕ Цгъойты Азӕ, фӕстӕдӕр та йӕ радиойӕ азарыд Билаонты Долорес. Уыцы радиоэфир ӕнӕнхъӕлӕджы фехъуыста, кӕддӕр рӕнхъытӕ йӕ тетрады чи ныффыста, уый — Дзиуаты Хадзыбечыр. Уӕд уазӕг фыццаг хатт радзырдта, мелоди куыд фӕзынд, уый. Радиойы архивы диссагӕн баззад уыцы фыст. Бирӕ азты фӕстӕ хъуысы поэтӕн йӕхи хъӕлӕс Комсомольскӕйы иу сыхы цардысты дыууӕ хӕлар бинонтӕ. Хӕдӕфсарм лӕппу Хадзыбечыр ӕмдзӕвгӕтӕ фыста, сыхӕгты чызг Зӕлухан та фӕндырӕй афтӕ рӕсугъд цагъта, ӕмӕ йӕм ӕгас хъӕу дӕр хъуысынӕй не ’фсӕст. Бурбын сыф, йӕ уӕлӕ ӕмдзӕвгӕ. Абон ӕй цӕстыгагуыйау хъахъхъӕнынц ам. Хъӕуы сӕргълӕууӕгӕн зарӕджы авторты нӕмттӕ сӕнусон кӕнын у ахсджиаг хъуыддаг. Фӕлмӕн, хъӕрмуд ныхӕсты фӕстӕ ӕмбӕхст уыд, ӕвирхъау хӕсты сӕрты чи ахызт, уыцы адӕймаджы хъысмӕт. Гвардийы лейтенант Дзиуаты Хадзыбечыр каст фӕци Хъазаны танкты училищӕ, хӕцыд Курскы ӕмӕ уӕззау цӕф фӕци. Хъæу Винограды цур тохты цы хъӕбатырдзинад равдыста, уый тыххӕй Советон Цӕдисы Хъӕбатыр Дмитрий Лоза фӕстӕдӕр йӕ чиныджы ныффысдзӕн ӕнӕхъӕн сӕр. Сырх Тырысайы орденимӕ сӕхимӕ куы сыздӕхт, уӕд кадыл нӕ мард: куыста хъӕууон посты хицауӕй ӕмӕ зонгӕ дӕр нӕ кодта, йæ ныхæстæй йын ӕгас республикӕ дӕр кӕй зары, уый. Уыцы зарӕгимӕ-иу сценӕмӕ чи рацыд, уыцы артисттӕн та-иу сӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр нӕ уыд, автор йын кӕй ис. Абон рагон мелодийы бауадзынц ног уддзӕф ӕмӕ айзӕлы æндæр æвзæгтыд дæр. Ног хуызы йæ азарынмӕ йӕ ныфс бахаста Харебаты Мартӕ. Артисткӕ сӕтты: Ирыстоны алы цӕрӕгӕн дӕр йӕхи сӕрмагонд мысинӕгтӕ цы зарӕгимӕ баст сты, уый зарын чысыл тыхсӕн хъуыддаг у. Цӕмӕй та дзыллӕты уарзон зарӕджы алыварс баиу кӕной, уый тыххӕй Комсомольскӕйы ӕрхъуыды кодтой флэшмоб: хъӕуы зарӕг азарын, видео сисын ӕмӕ йӕ авторты райгуырӕн бӕстӕмӕ арвитын. Дзуапп радтой сæдæгай адӕймӕгтӕ — сывӕллӕттӕй карджынты онг. Зарӕг та ногæй айзӕлыд алы хӕдзары, арӕнтӕ нӕ зонгӕйӕ. {ЛАЙФ} Мастафова КБР {ЗК9} Ӕрмӕст мӕймӕ хъӕумӕ ӕрбацыд сӕдӕ видеойӕ фылдӕр Тюменӕй ӕмӕ Петербургӕй, Хъырым ӕмӕ Сыбырӕй, АИШ ӕмӕ Хуссар Корейӕ. Марафоны фарс рахӕцыдысты Хъалмыхъхъаг Данара Шалханова, Илурты Риммӕ, Газайты Еленӕ, Болататы Майӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй зӕрдӕбын ныхӕстӕ тӕлмацгӕнӕджы нӕ домынц — зӕрдӕйӕ сæ бамбарынц. {СНХ} ЛАЛЫТЫ ХЪАЗЫБЕГ РЦИ-АЛАНИЙЫ КУЛЬТУРӔЙЫ СГУЫХТ КУСӔГ, РЕСПУБЛИКӔЙЫ АДӔМОН СФӔЛДЫСТАДЫ ХӔДЗАРЫ ДИРЕКТОР {ЗК10} Ӕмӕ ныр уарзондзинады истори здӕхы — кӕддӕр кӕм райдыдта, уырдӕм. Комсомольскӕйы аразынц хӕрзӕфснайд сквер, ӕмӕ йӕ схондзысты зарӕг ӕмӕ йе сфӕлдисджытӕ — Хадзыбечыр ӕмӕ Зӕлуханы — номыл. Марафон та дарддӕр цӕуы. Æмæ йемӕ цӕры, 80 азы размӕ иу тетрады сыфӕй ӕмӕ хъӕууон фӕндыры фӕлмӕн зӕлтӕй цы зарæг райгуырд, уый дӕр.

Название:

80 азы размӕ Комсомольскӕйы хъӕуы чи райгуырд, уыцы зарӕг дунейы алы къуымты айзӕлыд

Категория:

Новости и СМИ